Фарн лæуд у йæ фæндагыл

 

Цы у хъæу? Уый у бæркад кæцæй цæуы. Уæздан æмæ намысджын адæм кæм цæры. Ирон æгъдæуттæ бæрзонд æвæрд кæм сты. Зæххы цъыфæй адæм кæм нæ тæрсынц, уазæгыл зæрдæйæ кæм бацин кæнынц. Сæ цæхх æмæ кæрдзын ын йæ разы цæстуарзонæй кæм æрæвæрынц, ахæм уæзæг.

Уый Фарныхъæуы кой кæнын, нæ районы рæсугъддæр хъæутæй иуы. Кæцы куы равзæрди, уæдæй абонмæ федта бирæ зындзинæдтæ, фæлæ нæ фæцудыдта. Кæд раздæр йæ фæрнджын адæм совхозы фæллой кæнынæй цардысты, æмæ сын абон уый нал ис, уæддæр йæ сæрæн фæсивæд рæвдз фæлæууыдысты ног рацарæзтимæ æмдзу кæнынмæ. Аразынц ног куыстуæттæ, ног мадзæлттæ, цæмæй хъæу æдзæллагмæ, мæгуырмæ ма æрцæуа.

Фарныхъæуæн ис цымыдисаг истори. 1922 азы ардæм æрлыгъдысты Дæргъæвсæй, Хъæнийæ, Ламардонæй, Санибайæ, Гæналæй, хохы Хъахъхъæдурæй, Джимарайæ, Тменыхъæуæй, Майрæмыхъæуæй. Фыццаг æрлидзджытæ уыдысты Дзуццаты Асæге, Цъæхилты Хадзымурат, Барис æмæ Хаджумар, Фидираты Къарапет, Гуыбиаты Гуыргъохъо, Царахаты Мæхæмæт æмæ иннæтæ. Ног хъæуæн хъуыди ном раттын æмæ иу бон Гуыргъохъо Асæгейы фæрсы: «Хъæу аразæм, фæлæ йыл ном та цы æвæрæм?» Уыцы рæстæг сæ цурмæ æрбацыдысты Гуыбиаты Ислам æмæ Бесæ. Раарфæ сын кодтой: «Фарн ам уæд!» Уæд Асæге афтæ: «Уæдæ кæд фарн ам ис, уæд нæ хъæуы ном «Фарн» фæуæд». Афтæ хъæуыл æвæрд æрцыд ном.

Фарныхъæуккæгты фæллойадон сгуыхтдзинæдтæ базыдта æппæтцæдисон староста М.Калинин æмæ сæм ссыд уазæгуаты. Ацы хъæуæй Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ тохы быдырмæ ацыдис 538 адæймаджы æмæ сæ 214 сæ фыды уæзæгыл нал сæмбæлдысты.

Абон Фарныхъæуæн уæлдæр ранымад тыхстдзинæдты сæрты ахизыны фæстæ, фенцондæр ис. Кæд цард зын хонæм, уæддæр алы хæдзары дæр ис цардхъом, амондджын бинонтæ. Хъæуы сæргъы лæууы йæ адæмы хорздзинадыл чи тыхсы, сæ цард хуыздæр цæмæй фæуа, ууыл чи архайы, ахæм лæппу Галуаты Зауыр. Кæд æрыгон у, уæддæр хорз арæхсы йæ бынаты. Раздæр Дзæуджыхъæуы куыд куыста, уымæ гæсгæ йæ бон уыд нæ республикæйы столицæйы цæрын, фæлæ Зауыр йæ хъæуыл æнувыд кæй у, уымæ гæсгæ йæ цæрæнбынат аивыныл никуы ахъуыды кодта. Йе ‘мхъæуккæгты æхсæн кæй ис æппынæдзухдæр, сæ тыхстдзинæдтæ йын зонгæ кæй сты, уый йын фадат дæтты æнцондæрæй сæ аиуварс кæнынæн.

— Зауыр, афæдз кусыс бынæттон администрацийы сæргълæууæгæй æмæ де ‘взарджытæн зæрдæ цæмæй æвæрдтай бакæнынæй, уыцы фарстатæй дын бахынцын цы бантыст? Дæ куыст æппæты фыццаг цæмæй райдыдтай?

— Хъæуы нæ уыд трактор, æмæ уый кой бакодтон. Ныр нæм ис, Бырнацты Бибо йыл бады, къуыри 2—3 хатты уынгты разилы, бырæттæ аласы. Дыууæ уынджы дон нæ уыд, æмæ уымæй тынг бирæ азты тыхстысты сæ цæрджытæ. Дон- цъирæны бынат сцалцæг кодтам, æмæ уыцы фарста дæр бахынцтам. Уыдон уыдысты мæ фыццаг къахдзæфтæ мæ ног бынаты.

Сæрæн, хъаруджын лæппу йæхицæй нæ фæхъал хицауы бынат мæм æрхаудта, зæгъгæ, фæлæ бавнæлдта йæ размæ цы хæстæ æмæ пълæнттæ æвæрд уыд, уыдоныл архайын.

— Мæ фыццаг хæсыл нымадтон скъоламæ базилын дæр. Æмæ кæд кæронмæ нæма фесты йæ цалцæггæнæн куыстытæ, уæддæр дзы конд цыдæртæ æрцыд, йæ рудзгуытæ йын баивтам. Нæ амалхъом лæппутæ Æлбегаты Тамик, Хъалæгаты Эльбрус æмæ Галуаты Дзамболат дыууæ уынджы скодтой фæндæгтæ, ныссагътой сæ бæлæстæ, телыхъæдтыл сауыгътой электрон цырæгътæ.

Нæ республикæйы хицауады æххуыссы фæрцы бындурон цалцæггонд æрцыд амбулатори. Ныр нæ дохтыртæ кусынц хорз уавæрты. У сæм сыгъдæг æмæ райдзаст.

Галуайы фырт ма кандидат куы уыд, уæд амбулаторийæн зæрдæ бавæрдта кардиограф балхæнынæй. Фæкаст æм Базраты Саханджерийы фырт Валентин дæр. Афтæ йæ ныхасæн хицау разынд æмæ сын æй ныр слæвар кодта. Бирæ арфæйы ныхæстæ йын загъта амбулаторийы сæргълæууæг, терапевт Æрчъегкаты Галинæ:

— Стыр бузныг, де ‘мхъæуккæгтыл кæй тыхсыс, уымæй. Ацы аппарат нæ-иу куы бахъуыд, уæд æй ластам Беслæнæй, ныр нæхимæ уыдзæн æмæ рынчыны низы хатт цыбыр рæстæгмæ бæрæг кæндзыстæм.

Фарныхъæуккæгты номæй Зауырæн фæарфæтæ кодта йе стыр лæварæн Гадзаццаты Зарæ дæр.

Аппарат дохтыртæн раттыны ма- дзал цæмæй бæрæгбонхуыз рауайа, ууыл та бацархайдтой бынæттон Культурæйы хæдзары кусджытæ.

— Кæдæй-уæдæй нæ хъæуы фæзындысты сывæллæттæн хъазæн фæзтæ, — дзуры дарддæр Зауыр. — Ацы фарстайы мæ фарсмæ æрбалæууыд нæ парламенты депутат Гуытъиаты Славик. Æмæ нын æрмæст уыцы хæрзты нæ бацыд. Фарон «Сывæллæттæ хъахъхъæнæн бон» нын нæ сабитæн сарæзта диссаджы бæрæгбон, клубы дуармæ «батудтыл» фæхъазыдысты стæй сын ракодта лæвæрттæ дæр. Славиччы хъæппæрисæй спортивон инвентарæй ифтонг у нæ штангæтæ исæн зал. Зæгъæн ис, цæмæфæнды йæм куы баулæфæм, æнæхъæн хъæубæстæй дæр, уæд нæ фарсмæ æрбалæууы.

Зауыр схъомыл хорз хистæрты къухы, ирон æгъдау, ирон бæрæгбæттæ, адæм бæрзонд æвæрд кæмæ сты. Фарныхъæуы ис дыууæ кувæндоны æмæ сæ куы фæбæрæг кæнынц, уæд йæ мысайнаг кæд нæ бахæссы, йе ‘мхъæуккæгтимæ иумæ кæд нæ вæййы, ахæм бон никуы уыд.

Уæдæ хъуыддæгтæ аразын дæр хорз у, фæлæ хъæлдзæгдзинад дæр хъуамæ хъуыса хъæуæй. Æмæ Зауыр фарон йе ‘мхъæуккæгтæн сарæзта диссаджы бæрæгбон сæ хъæуы 90 азы юбилейы кадæн. Адæм дзы баззадысты тынг бузныгæй, арфæ- йагæй. Цæмæй сæ зæрдæты тынгдæр баззайа, уымæн ын æрхъуыды кодта сæрмагонд программæ, æрхуыдта бирæ кадджын уазджытæ, зындгонд артистты. Юбилейон майдантæй – «Фарну – 90 лет» — схорзæх кодта 100 адæймагæй фылдæры, уыдонимæ нæ бæстæйы Президент Владимир Путины, кæцыйæн Мæскуымæ æрвыст æрцыд йæ гуырæнбоны кадæн, æмæ нæ республикæйы сæргълæууæг Мам- сыраты Таймуразы.

Хъæуыхицау уарзы сывæллæтты рæвдауын. Ног азы бæрæгбонмæ сын скодта дзæкъултæ алыхуызон адджинæгтимæ, ахæм рæвдыдтытæ сæ раздæр дæр кодта.

— Ахæм стыр хабæрттæ аразын бирæты бон нæу. Æвæццæгæн, дын феххуысгæнджытæ вæййы?

— Æнæмæнг. Тынг бузныг дæн Дауыраты Виталийæ, Акционерон иу- дзинад «Фарн»-ы генералон директор Дауыраты Виталийæ, нæ республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Базраты Валентинæйæ, адджинæгтæ кæнæн цех «Анечкæ»-йы генералон директор Кокуаты Темболаты чызг Альбинæйæ, Кокуаты Тамешойæ, нæ районы хицауадæй, Ходты Асланæй, Чыпыраты Асланæй, Фрайты Сосланæй, Мамиаты Черменæй, Дзуццаты Тимур æмæ иннæтæй.

Уыдон се ‘ппæтдæр сты арфæйы аккаг. Сæ бæркад фылдæрæй-фылдæр кæнæд. Куысты мæ фарсмæ æппынæдзух сты хъæуы депутаттæ Гуыбиаты Игорь, Дзампаты Артур, Царахаты Аллæ, Дауыраты Ацæмæз, Хестанты Валерий, Царахаты Алан, Кокуаты Ацæмæз, Дзампаты Сослан, Гагиаты Алан, Цъæхилты Хъазыбег. Адонæн цы хæс бакæнинаг вæййы, уый баххæст кæнынц æнæзæрдæхсайгæйæ.

Сæрды каникулты не скъоладзаутæй 50-йы бæрц сæ фæллад суагътой санаторийы. Уымæн та нын баххуыс кодта районы социалон хайады сæргълæууæг Елхъанты Эльмæ. Ныййарджытæ дзы баззадысты тынг бузныгæй.

— Цæмæй цæрынц де ‘мхъæуккæгтæ, куыст нæй, зæгъгæ, арæх куы хъусæм адæмæй, уæд?

— Тынг бирæ куысты бынæттæ ис адæмæн. Ис нæм æхгæд акционерон æхсæнад «Фарн», рудзгуытæ аразæн цехтæ дыууæ, цыртдзæвæнтæ аразæн цех, дуканитæ, рæвдауæндон, амбулатори, скъола, цъиутæхæссæн цех, æхгæд акционерон æхсæнад «Ариана». Уымæй уæлдай цæрджытæ кæнынц фосы, зæххы куыст.

— Ныртæккæ цæуыл архайыс, стæй дæм фидæнмæ цы хъуыдытæ ис?

— Æрбахæццæ кæны Уæлахизы бæрæгбон æмæ нæ хъæуæй хæсты быдыры чи баззад, уыдоны цыртдзæвæны алыварс ног бру аразæм, бауадздзыстæм æм æрдзон газ æмæ дзы судздзæн æнусон арт. Дауыраты Виталийымæ архайæм нæ фæсивæдæн спортивон зал саразыныл, уырдæм хъæбысæйхæцджытæн гауыз балхæныныл.

Фарон республикæйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ цы конкурс арæзт уыд, уым бацахстам 3-аг бынат, райстам 100 мин сомы æхца æмæ нын хорз фæахъаз сты, клубы рудзгуытæ дзы ногтæй баивтам. Ныр дæр та цæуы цъæх фæлысты мæйон æмæ архайæм нæ хъæу срæсугъд кæныныл, цæмæй та ерысы раззагдæрты æмрæнхъ рацæуæм. Уымæн мæм ис курдиат мæ хъæубæстæм: зæрдиагæй бацархайæм иумæ æмхуызонæй нæ цæрæнбынат бафснайыныл, цæмæй та раззæгтимæ уæм.

Мæ хъæубæстæн мæ раарфæ кæнын фæнды цы бæрæгбæттæ æрцæуы, уыдоны фæдыл. Алкæйы хæдзары дæр уæ уæд амонд, бинонты æнгомдзинад, бæркад, цард зын у, фæлæ дзы цæрын æнцонæй куыд фæразат. Хуыцауы цæст уын уый бауарзæд.

ХОСОНТЫ Земфирæ. Къамтæ систа СУГЪАРАТЫ Кристинæ.

 
 

ПОЛЕЗНЫЕ ССЫЛКИ