Опрос

Как вы оцениваете работу, проводимую подразделением по противодействию коррупции Администрации местного самоуправления Правобережного района РСО-Алания в 2023 году?

Высокий - 81%
Средний - 9.5%
Низкий - 9.5%

Total votes: 21
The voting for this poll has ended on: 05 Март 2024 - 10:55

Ханайты Гаппойы фарн

Нæ газеты фарсыл фарæстæм апрелы номыры «Зæронд къамтæ дзурынц», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын цы хуызист ныммыхуыр кодтам, уый фæдыл редакцимæ бирæ адæм æрбацыд, иннæтæ тилифонæй æрбадзырдтой. Базыдтой 1947 азы фыццæгæм «в» къласы ахуырдзауты, сæ ахуыргæнæджы. Философтæ куыд дзурынц, афтæмæй алы адæймаг дæр æнæхъæн дуне у, алкæйы хъысмæт дæр цымыдисаг у. Уыцы чысыл сабитæй алчидæр царды ныууагъта рæсугъд фæд. Ис сын бинонтæ, цот, иутæ дзы æцæг дунемæ ацыдысты, иннæтæ ма хуры рухсыл цин кæнынц абон, æмæ сын Хуыцау стыр цæрæнбон радтæд.

Нæ хуызисты «хъайтартæй» иу у Ханайты Æхсар. Йæ чындз Ларисæ нæм дыккаг бон æрбацыд æмæ нæ ракуырдта, цæмæй сæм уазæгуаты ацæуæм, ме ‘фсин Зоя, дам, уæ уындмæ бæллы, бирæ радзуринæгтæ йæм ис.

Махæн дæр лæгъстæ нæ бахъуыд æмæ балæууыдыстæм Ханайты дуармæ. Зоя æмæ йæ дыууæ чындзы Ларисæ æмæ Марианнæмæ раст цыма зæдтæ æртахт, афтæ ныл бацин кодтой, сæ цæстытæй худтысты. Зояйæн кæд йæ къæхтæ йæ коммæ дзæбæх нал кæсынц, уæддæр ма цæрдæг у. Диссаджы дзыкка нын ацарæзта, йæ ад нæ дзыхы баззад, нæртон фынджы уæлхъус нæ фæбадын кодта, сымах, дам, паддзахады куысты сæргъы лæуут æмæ уæ хæрынмæ дæр кæм равдæлы.

 Куыд рабæрæг, афтæмæй Ханайты Æхсары бинонтæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц сæ мыггаджы истори. Уыимæ æрмæст Зоя стæй йæ фырттæ Михал, Хæсанæ æмæ Зелим нæ, фæлæ ма чындзытæ дæр, куыд фæзæгъынц, сæ тъымы-тъымайы уæнг дæр зонынц, чи сын куыд хæстæг у, цавæр лæг уыд, цы ныууагъта йæ фæстæ.

Рахастой нæм дуне хуызистытæ, портреттæ, æмæ дзы иуæй цæстытæ атонын нæ куымдтой – диссаджы хæрзконд нæлгоймаг ирон дарæсы сылгоймаг æмæ сывæллонимæ (кæсут къаммæ). Уый разындис Ханайты хистæр, Æхсары фыд Гаппо йæ фыццаг ус Кцойон æмæ йæ лæппу Ладемыримæ. Сæдæ азæй йыл фылдæр цыд, афтæмæй амард 1946 азы. Беслæныхъæуы фыццагæрлидзджытæй уыд, ралыгъд Цъамадæй æд бинонтæ. Коммерцион курдиат æм разынд, ныр Росхозторг кæм ис, уыцы бæстыхайы йæм стыр дуканитæ уыд. Ирыстоны нæ, фæлæ ма раст Сыбыры дæр лымæнтæ скодта. Алæмæты рæсугъд сылгоймаджы стыр портретыл фыст: «Табачная и папиросная фабрика Вахтангова, 1869 год». Зоя нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй фабричы хицау уыд Гаппойы хорз хæлар. Зоя ма нын радзырдта ахæм хабар. Цæвиттон, Гаппо мидхæсты рæстæг, фæстæдæр Æппæтцæдисон старостæ чи сси, уыцы Михаил Калинины урсгвардионтæй йæ хæдзары æмбæхстæй æхсæз мæйы фæдардта, стæй тæссаг уавæр сæвзæрд, æмæ йæ, джигулæй фæтæрсгæйæ, иу æхсæв бæхуæрдоны хосы бын ныккодта, афтæмæй йæ фæласта Фарныхъæумæ, йæ хæларыл æй бафæдзæхста. Калинин уыцы хорздзинад нæ ферох кодта, æмæ коллективизацийы рæстæг куы ралæууыд, коммерсанттæ дæр кулакгонд куы цыдысты, уæд Гаппойæн гæххæттытæ сарæзта, æмæ йæ бинонтæ Сыбыры бинаг нæ фесты.

- Мæ хицауы хорздзинæдтæ куы фæнымайæм, уæд сæхæдæг стыр чиныг сты. Марды лæвар дæр фыццаг хатт Беслæныхъæуы уый раттын кодта. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ хохæй æрæджы чи ралыгъд, ахæм бинонтæн сæ лæг æваст æрбамард, æмæ сæм цы иунæг гæбæр хъуг уыдис, уый йын хæрнæгæн аргæвстой. Уæд мæ хицау дзырды бар ракуырдта, адæмы размæ рацыд æмæ бахаста фæндон:

 - Мах ацы мæгуыр бинонты хъуг хисты бахордтам, фæлæ сæ дарддæр цæрын кæй хъæуы, ууыл ничи ахъуыды кодта. Ныр уæ курын, æмæ уæ йæ дзыппы кæмæн цы ис, уыдон сисут, æрæвæрæм сæ, æмæ сын баххуыс кæнæм. Йæ ныхас бынаты уыдис, адæмы ‘хсæн кадджын лæг. Йæ фарн мæрдтæм нæ ахаста, абон дæр немæ ис, - радзырдта нын цымыдисаг цау Зоя.

Ханайты Гаппойы фыццаг ус Кцойон мæлгæ акодта, баззад ын лæппу æмæ дыууæ чызджы Ладемыр, Дзенукка æмæ Женя. Сывæллæтты кой кæнын хъуыд, æмæ Гаппо дыккаг хатт бахæстæг кодта Кадитимæ, фæлæ та йыл йæ амонд гадзрахатæй рацыд - сылгоймаг амард. Уæдмæ йæ цот дæр рæзыдысты. Сæрмагондæй зæгъдзыстæм Ладемыры тыххæй - сахуыр кодта, стыр лæг дзы рауад – æппæт Цæгат Кавказы æфсæдты сæргъы лæууыдис. Æрыгонæй амард, бавæрдтой йæ кадимæ фыццаг скъолайы кæрты аргъуаны раз. Фæндзайæм азты уым ныгæд мæрдты куы къахтой, уæд Ладемыры цырт дæр сыгом кодтой. Дзенукка загъта, йæ дзыппы, дам, сырх фистонджын хæрынкъа, æмæ йæ уымæй базондзыстут. Æцæгдæр, афтæ рауад. Баныгæдтой йæ йæ фыд Гаппойы фарсмæ. Женяйы чызджытæй иу, профессор, филологон наукæты доктор, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæг Къомайты Риммæйы дæр нæ республикæйы алчидæр зоны. Риммæ дæр йæ мады фыды дзæбæх миниуджытæй дзæвгар фæхайджын. Йæ къухæй цы æрыгон специалисттæ рацыд, уыдоны нымæц абон зын банымайæн у.

Æртыккаг хатт бахъуыд æрыгон сиахсы митæ кæнын Ханайты Гаппойы – барвыста йæ минæвæрттæ Дзестелтæм. Геза уыдис Гутонаты ус, йæ мой амард, æмæ дыууæ чызгимæ баззад. Гаппо чызджыты дæр йæхимæ æрбангом кодта, хи хъæбултау сыл узæлыд, йæ зæрдæйы хъарм сын лæвæрдта æнæвгъау. Кæд ыл азтæ гыццыл нæ цыд, уæддæр ма сын Гезаимæ сæнтыст фырыхъулы хуызæн фырт Уырызмæг, фæлæ йын Хуыцау æдæппæтæй 17 азы радта цæрæнбон. Куы амард, уæд, дам, Геза сæ хæдзары къултæ сауæй сцагъта…

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Гаппо амард 1946 азы, сæдæ азæй уæлæмæ йыл цыд, афтæмæй. «Йæ фæстæ æхсæзаздзыд лæппу цы зæронд лæг ныууагъта, уый æцæг нæртон гуырд уыдис, фæлæ йæ Геза ницыхуызы ныййардтаид, зæронд ус уыдис...», - хъуыды кодтон мæхинымæр. Зоя мын мæ мидхъуырдухæн бамбæрста, йæ къæхтыбынæй ныуулæфыд æмæ мын ракодта ахæм хабар:

 - Дæ фарн бирæ, фæлæ нæ лæг Ханайтæн тугхæстæг нæ уыд…

Зоя мын куыд радзырдта, афтæмæй БМК-йы поселочы цардысты Харебаты бинонтæ. Фыд хæстмæ ацыд, мад, Татраты чызг, дыууæ æнахъом лæппуйы, Æхсар æмæ Хасанбегимæ баззад. Сылгоймаг æваст амард, æмæ сидзæрты йæхимæ æрбакодта сæ мады хо, кæцы уыд Ханайты Гаппойы æфсымæры ус. Хъысмæт ног цæф ныккодта сабиты – немыцы бомбæты бын фæмард сæ мады хо дæр, æхсæвыгон æй баныгæдтой. Лæппутæ хурмæ баззадысты, æмæ Хасанбеджы Татраты Муссæ йæхимæ акодта, уый йæ схъомыл кодта. Æхсары дæр сæ дард хæстæджытæй иу Хуымæллæгмæ фæхаста бындурæн, фæлæ дзы, хæдзары цы дыууæ чызджы хъомыл кодтой, уыдон сæ цæсты сындз федтой, схуыст æмæ рæхуыстæй йæ бонтæ ‘рвыста. Уый Гаппойы хъустыл æрцыд, араст кодта Хуымæллæгмæ, гыццыл лæппуйы йæ куырæты фæдджийы батыхта æмæ йæ сæхимæ схаста, радта йæ Гезамæ æмæ йын загъта:

 - Мæнæ дын хъæбул, схæсс æй, æмæ дын дон уæддæр бадæтдзæн, æз куы нал уон, уæд.

Æхсарыл цыд æхсæзæм аз, сæхиуыл æй ныффыстой, буцæй йæ хъомыл кодтой, æмæ дзы уыцы уарзондзинад, зæрдиаг узæлд йæ амæлæты бонмæ нæ ферох. Тынг сæрыстыр уыд Гаппойæ, Ханайтæй, мыггагæн лæггад кодта, къæм абадын дæр сыл нæ уагъта. Æмæ йæм иу заман йæ фыды ‘фсымæр, Харебатæй бæрзонд бынаты кусæг лæг, Хуссар Ирыстонмæ куы фæдзырдта, ам æрцæр, мæнæ дын хæдзар, машинæ, зæгъгæ, уæд ын радта ахæм дзуапп:

 - Мæнæн мæ хæдзар дæр, мæ машинæ дæр Ханайтæ сты, æмæ сæ стыр хорзæхтыл нæ ивын.

Зоя, елхотаг Кокойты чызг, фарны къах æрбавæрдта Ханайты хæдзармæ хæрзæрыгонæй. Йе ‘фсин Дзестелонимæ мад æмæ чызджы цард фæкодтой, абон Зояйæн йе ‘ртæ чындзимæ (хистæр фырт Михал æмæ йæ цардæмбал Дзерæ цæрынц хицæнæй) дæр ахæм рæсугъд хъарм ахастдзинæдтæ ис, кæрæдзийæн «цæсты сау» нæма загътой. Æхсар фæзиан 1994 азы февралы. Зоя хæдзары хистæрæн баззад, фæцудын æй нæ бауагъта. Йе ‘ртæ фырты йын балæвар кодтой фондз хуры тыны – цыппар лæппуйы æмæ иу цъæх чызг.Гæнæн ис, æмæ ма сыл бафта. Зоя сыл æрхъæцмæ нæ хъæцы, сæ цинæй рæзы. Гаппойы фарн, æнæмæнг, цæрдзæн дарддæр дæр, хæсдзысты йæ, Ханайты бындурыл цы бæллиццаг кæстæртæ рантыст, уыдон.

ГАПБАТЫ Алетæ.

"Вестник Беслана"

 

ПОЛЕЗНЫЕ ССЫЛКИ