Опрос

Как вы оцениваете работу, проводимую подразделением по противодействию коррупции Администрации местного самоуправления Правобережного района РСО-Алания в 2023 году?

Высокий - 81%
Средний - 9.5%
Низкий - 9.5%

Total votes: 21
The voting for this poll has ended on: 05 Март 2024 - 10:55

Нæ хистæрты куывдтытæ Хуыцаумæ хорзæй фехъусæнт!

Ирыстоны тынг бирæ кувæндæттæ ис. Уыдонæй иу у Беслæны Уастырджийы кувæндон. Куыд алы хатт, афтæ ныр дæр беслæйнæгтæ сæ бæрæгбон сбæрæг кодтой августы фыццаг хуыцаубоны. Йæ бынмæ сæ кувинæгтимæ, сæ мысайнæгтимæ æрбацыдис тынг бирæ адæм. Уыдысты цинæйдзаг, бæрæгбон-арæзт.

Дзуары раз чысыл стъолыл-иу æрæвæрдтой се 'ртыгай кæрдзынтæ æмæ-иу сын сæ скуывтой Тедтаты Эврик, Цоколаты Феликс æмæ Хъуысаты Асæхмæт. Сæ бинонты-иу сын бафæдзæхстой Стыр Хуыцауыл. Куывддоны советы уæнгтæ сæ сæргъы Алыккаты Хасан, афтæмæй, архайдтой цæмæй куывд рæсугъд, æгъдауыл ацыдаид. Уæдæ лæггадгæнджытæ дæр советы уæнгты разамындæй рæвдз æвнæлдтой: чи дзидзатæ фыхта, чи стъолтæм хæринæгтæ скъæфта...

Цалынмæ куывд нæ райдыдта, уæдмæ адæмы хъæлдзæг кодтой сæ зард, сæ цагъд æмæ сæ кæфтытæй районы хайад «Иры Стыр Ныхас»-ы цы фольклорон æмæ зарæггæнджыты къордтæ арæзт æрцыд, уыдоны архайджытæ. Сæ хъарутæ армæй хæцынæй æвзæрстой фæсивæд дæр. Хистæртæй фыццаг бынат бацахста Кокуаты Георгий æмæ хорзæхджынгонд æрцыд иу мин сомы æхца æмæ кубокæй, 2-аг бынат лæвæрд æрцыд Дряты Давидæн (500 сомы æмæ кубок), 3-аг бынат – Цыбырты Олегæн (300 сомы æмæ кубок). Кæстæрты æхсæн 1-аг бынат саккаг кодтой Цегойты Георгийæн, 2-аг — Дыгурты Асланæн, 3-аг — Елойты Сосланæн. Ерысты тæрхонхæссæг Хъаныхъуаты Батраз адонæн та ратта зæрдылдарæн кубоктæ.

Æртæ кæрдзыны скувыны размæ нæ буц хистæртæ Дзуццаты Чермен – Беслæнæй, Бæройты Заман- хъул – Елхоттæй, Хъариаты Тугъан – Зилгæйæ фæ- дзырдтой æмæ бамбарын кодтой æрбацæуæг адæмæн, цæмæй нæ Ирыстон кадджын æмæ намысджын уа, ууыл ирон адæмæн сæхи архайын кæй хъæуы, цæмæй нæ фæсивæд дæр раст фæндагыл цæуой, цæмæй нæ фыдæлты тырыса хæссын фæразæм, уыдæттæ нæхицæй кæнгæ кæй сты.

Алыккаты Хасан йæ раныхасы раарфæ кодта кувæндонæн хæрзты чи бацыд, уыцы адæмæн. Уыдон сты: Хъантемыраты Ацæмæз, Плиты Зауыр, Хъаныхъуаты Батраз, Гуыриаты Зауыр, Дзагойты Хъазыбег, Дзæхаты Ауызби, нæ парламенты депутат Мрыкаты Хъазыбег, Уртаты Хъазыбег – асфальтгæнæн куыстуат «Алмаз»-ы директор, электрон хызты сæргълæууæг Фрайты Эльбрус æмæ сæйраг инженер Токаты Максим, Торчынты Тамерлан («Аэропорт»), Хъулаты Светланæ – дзулфыцæн завод «Ирдин»-ы директор, Ходты Георгий, Кудзаты Аслан (завод «Спецоборудование»-ы директор), Хадыхъаты Сослан, Багаты Аслан (коммуналон хæдзарæдæй) æмæ кувæндоны советы уæнгтæ. Ранымадта цы куыстытæ бакодтой, уыдон дæр. Ныссагътой 210 туя бæласы, чъырæй сцагъдтой дæргъæй-дæргъмæ сараты къултæ, ныссагътой дидинджытæ… Æфснайæн куыстытæ кæнгæйæ сæм дыууæ хатты хорз фæкастысты Коминтернæйы уынджы скъолайы 10-æм къласы ахуырдзаутæ, сæ ахуыргæнæг Танкълаты Зæринæ- йымæ.

Куывддзаутæн ма советы сæрдар бамбарын кодта, кæй сæм сæмбæлд кадджын уазджытæ Елхоттæй, Олгинскæйæ, Зилгæйæ, Заманхъулæй. Алчидæр сæ йемæ æрбаласта кусарт æмæ цы æмбæлы ахæм æгъдау.

Кувæндоны лæггадгæнджытæ адæмы мысайнæгтимæ сыгъдæг æмæ æнæсайд куыст кæй кæнынц, уый тыххæй та радзырдта, уыцы хъуыддагмæ йæ цæст дарæг Кцойты Гермæн.

Æмæ мæнæ райхъуыстысты куывддоны кувæг лæг Дзуццаты Чермены табутæ Стыр Хуыцаумæ æмæ кæстæрты «Оммен!». Уый фæдзæхста Дуне Скæнæгыл нæ чысыл Ирыстоны, Беслæны цæрджыты, уæлдайдæр фæсивæды, уымæн æмæ, уыдон сты нæ фидæны аразджытæ.

Цы рæсугъд куывдтытæ фæкодтой нæ фæрнджын хистæртæ, уыдон Хуыцаумæ хорзæй фехъуысæнт, алы хæдзары бинонтæ дæр амондджынæй цæрæнт!

Сбæрæг кæнын ма мæ фæнды уый, æмæ куывддоны æгъдау раздæр азтимæ абаргæйæ нывыл арæзт кæй уыд. Кæд-иу адæмæй бирæтæ сæхи тынг æнæгъдауæй равдыстой, къæбицы архæйджыты-иу сæ быны скодтой, лæбурдтой хойрæгтæм, хæлоф кодтой, уæд ныр ахæм ныв фенæн нæ уыд. Кæмæн не 'мбæлд, уыдонæй уыцы бæстыхаймæ хæстæг-дæр ничи цыд. Иууылдæр, кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ, æрбадтысты дæргъæй- дæргъмæ стъолтыл æмæ ирон æгъдаумæ гæсгæ сæ фынджы кой кодтой.

Хосонты Земфирæ.

 

ПОЛЕЗНЫЕ ССЫЛКИ