Цы лæппутæ рæзы Олгинскæйы, цы!

Олгинскæ æрмæст аивадмæ æмæ сфæлдыстадмæ дæсны чи сты, ахæм адæмæй хъуыстгонд нæу, фæлæ спорт- уарзджытæй дæр. Абон хистæр фæлтæры чи раива кæстæртæй, ахæмтæ дæр дзы ис тынг бирæ. Уыдонæй сты Абайты Алан æмæ Кокойты Арсен (къамы). Сæ дыууæ дæр сты спортуарзджытæ.

Алан у боксæй хæцæг, хорз ахуыр кæны Олгинскæйы астæуккаг скъолайы 11-æм къласы дæр. Авд азы лæуд у спорты фæндагыл. Уыдонæй æхсæз фæцыд Дзæуджы- хъæуы спорткомплекс «Динамо»-мæ, ныр иу аз та – клуб «Боец»-мæ. Ацы клуб арæзт æрцыд республикæйы хицауады хæдивæг Белеккаты Рафаэлы руаджы, уый дæр у Олгинскæйæ рацæуæг. Алан, кæд нырма æрыгон лæппу у, уæддæр ын спорты бирæ бантысти. У Уæрæсейы дыууæ хатты призер, спорты мастертæм кандидат, Уæрæсейы æрыгæтты æмбырдон командæйы уæнг.

Йæ къухы уыцы сгуыхт- дзинæдтæ бафтыдысты йæ тренертæ Евгений Матвеевы, Елойты Аланы, Хæдарцаты Альберты æмæ Плиты Роберты фæрцы. Æхцайы фæрæзтæй та йын баххуыс кæнынц, ерыстæм цæугæйæ, Белеккаты Рафаэль æмæ Абайты Алан, уый тыххæй сæ у тынг бузныг.

Алан куыд загъта, афтæмæй скъола каст куы фæуа, уæддæр спортæй йæхи аиуварс кæнынмæ нæ хъавы. Йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кæндзæн университеты физкультурæйы факультеты, архайдзæн боксæй хæцджыты ерысты дæр. Йæ бæллиц у спорты бæрзонд къæпхæнтæм схизын.

Кокойты Арсен та у 9-æм къласы ахуырдзау. Уый дæр астаздзыдæй райдыдта цæуын Дзæуджыхъæуы Спорты галуанмæ. Йæ тренер Маловичко Михаил æй ахуыр кæны каратэйæ хæцын. Æрæджы архайдта Мæс- куыйы ерысты æмæ бацахста фыццаг бынат. Арсенмæ дæр Аланы хуызæн ис бæллиц спорты бæрзонд къæпхæнтæм схизынмæ. Бузныг у, чи йын æххуыс кæны æмæ йæ разæнгард чи кæны уыцы тырнындзинадмæ, уыдонæй, йæ тренерæй, хъæуы бынæттон аминистрацийы сæргълæууæг Хæмыцаты Эриккæй, хъæуы фæсивæдон организацийы сæргълæууæг Цæллаггаты Аланæй.

Арсен æмæ Аланы афарстон, уе ‘мгæрттæн, уæ хъæуы фæсивæдæн уæ цы зæгъын фæнды, зæгъгæ.

— Алчидæр сæ йæхи фæндиаг царды фæндагыл æрлæууæд. Схизæд, чи ахуы- рады, чи спорты бæрзæндтæм, цæмæй се ‘cгуыхт- дзинæдтæй нæ хъæу кадджын кæна.

Уæхи фæндиаг ут, олгинскæйаг спортсментæ!

ХОСОНТЫ Земфирæ. Къам систа Козырты Аленæ.

 

ПОЛЕЗНЫЕ ССЫЛКИ